Проект "Чиныг". Выпуск №1 - Брытъиаты Елбыздыхъо "Хазби"

27-01-2014 | Просмотров: 12 818



«Ир сæ историон рæзты XIX æнусы кæрон схызтысты бæрзонд къæпхæнмæ, стыхджын сты сæ хъуыды æмæ сæ царды домæнтæ, æмæ сын фæзынд разагъды лæгтæ —Къоста, Секъа, Арсен. Хъуыди сæ театр, æмæ адæмæй рантыст ног курдиат — Брытъиаты Елбыздыхъо» - афтае фыста Джыккайты Шамиль зындгонддаер ирон драматургы тыххаей Брытъиаты Елбыздыхъойы.

Елбыздыхъо райгуырд 1881 азы Куырттаты комы Даеллагхъаеуы Йае фыд
Ирон культураейы ахъазагдаер аентыстытаей иу у Брытъиаты Елбыздыхъойы сфаелдыстад. Йае аивадон бынтае сты национ исбон.

Елбыздыхъо рахызт драматургийы зындæр, ахсджиагдæр жанртæм — драмæ æмæ трагедимæ. Æрмæстдæр уыцы жанрты ис равдисæн æххæстæй, бирæвæрсыгæй цардыуаджы, удварны хæрзтæ æмæ карз быцæутæ, мæлæтдзаг тох сæрибары сæрвæлтау, историйы æмæ мифологийы хъайтарты утæхсæн æмæ бæллицтæ.

Елбыздыхъо цыдæриддæр фыста, ууыл кæддæриддæр бæрæг дардтой йæ политикон зондахаст, йæ революцион архайд, йæ цард. 1906-æм азы (Къоста куы амардис, уыцы аз) бацыдис Уæрæсейы кусджыты социал-демократон партийы рæнхъытæм. Уыцы аз бахауд ахаестонмае ныффыста йæ тохмæсидæг трагеди «Хазби». Ирон драматургийы сæрæвæрæн трагеди «Хазби» Елбыздыхъойы сфæлдыстады дæр, стæй нæ литературæйы историйы дæр ахсы сæрмагонд бынат. Фыццаг ирон историон драмæ сси æмæ рагæй нырмæ ацы уацмыс нымад у нæ литературæйы бæрзонддæр æнтыстытæй иуыл.

Трагедийы саейрагдаер архайаег у Алыккаты Хазби — патриот, саерибарыл тохгаенаег. Абайты Васо куыд загъта: «Хазби уыд адаемы туг аемае стаег».
Паддзхы хицауыдирон адаемы йае даелбар кодтой алы мадзаелттаей. Фаелае Хаби нае хаессы йае саермае ахаем хъысмает. Революцион хъаер хъуысы заеронд Исламы ныхаесты, мады хъараеджы, Хазбийаен йаехи ныхаесты. Ирон лаег каед истаемаей тарст, уаед - худинагаей. Фаелтау — маелает. Фаелае Хазбийы алыварс адаем не рлаеууыдысты. Ныддихтае сты ирон адаем хицаен каемттыл, нал сын уыд иумаейаг нысан. Хазби уыди стыр герой, йаетохаей равдыста ирон лаег маелын куыд зоны уый, саерибар лаегаей, хъаебатыр маелаетаей. Йае фаестаг ныхас уыд: «Цин каенын, маердтаем цаеугаейае хъалондар каей нае даен, ууыл!»

Хэштег проекта - #чиныг

Музыка: Ӄона — Ханты цагъд (rec. by Vincent Moon)

Источник: progredigroup


Теги: книга

Комментарии:

Оставить комментарий