Бардарæг Цæгат Ирыстоны республикæйы сæргълæууæг кадджын
Мамсыраты Таймураз
Фарн уæм бадзурæд, нæ зынаргъ æфсымæр!
Нæ зæрдæ уын зæгъы æнтыстджын амондджын æппæт хорздзинæдтæй хайджын ут, уæ хъару æмæ ныфс фылдæр кæнæнт.
Сымах цы хæс райстат Ирыстоны сомбон амайынмæ æмæ Ирон адæмы æрбангом кæнынмæ æмæ нацийы културæ хъахъхъæнынмæ уый стыр хæс у æмæ ахсджиаг хъуыддаг у. уæлдайдæр махæн стыр ныфс у æмæ ацы ныфс хорз ад радта нæ цардæн æмæ нæ удæн.
Мах цæрæг Ирон адæм Сирийы хъыгагæн кæй æгæр тагъд сæфæм сæрмагондæй Сирийы цы уæззау уавæр ис ацы рæстæджы æмæ иумæ куынæ архайæм цæмæй хъахъхъæнæм нæхи Ирондзинад, æвзаг æмæ культурæ уæд иу дæс азы фæстæ нал уыдзæни иу Ирон адæймаг Сирийы уымæнæмæ адæймагæн йæ Ирон æвзаг æмæ йæ културæ куы фесæфой, уæд йæхæдæг бынтон фесæфдзæни, цавæр Ирон уыдзæни?
Мах Сирийы абон æмæ ацы æвирхъау цауты, нæ зонæм нæ адæмы хъысмæт нæ фидæн нæ царды уаг куыд уыдзысты?
Уый тыххæй мах уæм сидæм уæ хорзæхæй агурут уæ туг уæхи Ирон адæм Сирийы, æмæ хион цæстæй нæм кæсут, куыд æфсымæртæ æмæ хотæ, куыд æмтуг адæм, уымæнæмæ мах уыл стыр ныфс æвæрæм æмæ уыл æууæндæм æмæ бæлвырдæй зонæм кæй нæ нæ ферох кæндзыстут.
Нæ бæллицтæ уыйас бирæ не сты, мах курæм æрмæстдæр цæмæй баст уæм нæ фыдæлтызæххимæ не мтуг адæмимæ æмæ махмæ гæсгæ уый уыдзæнис ацы дыууæ хъуыддаджы фæрцы:
1. Фæсивæды æрвитæн сæрды рæстæджы Ирыстонмæ, цæмæй ахуыр кæной Ирон æвзаджы културæйы, æгъдæутты æмæ нæхи историйы лæвар (4-8 ахуырдзауы алы азы).
2. Ноджыдæр мах курæм цæмæй уа иу цалдæр бынат ахуырдзаутæн университеты ахуыр кæнынмæ лæвар (стипендитæ) (1-3 ахуырдзауы алы азы).
Бахатыр мын кæнут, кæд бар мын дæттут уæд иу хабар уын радзурдзынæн.
Нæ кавказаг сыхæгты кæсгæтты, Адыгейæгты 40 азы размæ æмæ ныры онг ракæнынц ахуырдзауты фæсарæнтæй сæхимæ ахуыр кæнынмæ æмæ ацы азы ракодтой Сирийæ 88 ахуырдзау, 49 ахуырдзаутæй Налцыкмæ Кæсæджы æмæ 39 ахуырдзау Майкопмæ. Адыгеийы цæмæй ахуыр кæной паддзахадон университеты лæвар уыдон кæнынц ацы хъуыддаджы Уæрæсейаг ахуырад министрады фæрцы Мæскуыйы æмæ йæхи хардзæй.
Мах нæхи мидæг фæрсæм цæмæн уыдонæн ис ахæм мадзал æмæ махæн нæй. Мах уырны кæй Ирон адæмы иннæ адæмтæй къаттæр никуы уыдзысты æмæ нæ хъуыддаг раст уыдзæни сымах руаджы.
Мах зæрдиагæй фæнды цæмæй кæрæдзимæ баст уæм цы фæнды хъуыддаджы уа æмæ нæ зæрдæ зæгъы цæмæй иумæ архайæм нæ хъуыдытыл. Амайынмæ нæ Ирон адæмы æмæ Ирыстоны сомбон.
Уæ дзуаппмæ æнхъæлмæ кæсдзыстæм
Æнусты сæрты уæ хорзы кой хъуысæд æмæ уæ кадыл кад æфтæд.
Уе фсымæр Ирон æхсæнады сæрдар Сирийы,
Æлбегты Хишам.
09/11/2011
Достопочтимому Главе республики Северная Осетия уважаемому
Таймуразу Мамсурову
Мир Вам, наш дорогой брат!
От всей души желаем Вам успехов, счастья, всяческих благ, пусть укрепляются Ваши сила и дух.
Ту ответственность, которую Вы на себя взяли для созидания будущего Осетии и для объединения осетинского народа, для защиты нашей культуры – это великий долг и важное дело, тем более, это вселяет в нас огромную веру и придает силы нашей жизни и душе.
Мы, живущие в Сирии Осетины, к сожалению, слишком быстро можем исчезнуть, особо учитывая нынешнее тяжелое положение в стране и если мы совместно не будем стараться защитить Осетинский дух, язык и культуру, то примерно через десять лет не останется ни одного Осетина в Сирии, потому что если мы потеряем Осетинский язык и культуру, то сами окончательно пропадем, какие из нас тогда Осетины?
Мы в Сирии сегодня при этих ужасных событиях не знаем, что нас здесь ждет, какими будут наше будущее и жизненный уклад? В связи с этим, мы призываем Вас, пожалуйста, не теряйте связи с единокровными Осетинами, проживающими в Сирии, смотрите на нас как на родных, как на единокровных братьев и сестер, потому что мы возлагаем на вас большие надежды и твердо убеждены, что вы нас не забудете.
Наши желания не столь большие, мы просим лишь о том, чтобы быть связанными с землей предков, с единокровным народом и, по нашему мнению, это можно сделать при помощи двух мер:
1. Направлять молодежь летом в Осетию, чтобы они изучали Осетинский язык, культуру, обычаи и историческое наследие (4-8 студентов ежегодно).
2. Еще мы просим, чтобы несколько бюджетных мест в университете выделялись для наших детей (1-3 студента ежегодно).
Прошу простить, но с Вашего позволения, приведу пример: наши кавказские соседи - кабардинцы и адыгейцы уже 40 лет приглашают студентов из-за границы к себе для учебы и в этом году пригласили из Сирии 88 человек, из них 49 студентов в Кабарду, в Нальчик и 39 студентов в Адыгею, в Майкоп, для того, чтобы они учились в университете на безвозмездной основе. Они это делают при помощи Министерства образования России через Москву и за счет своих бюджетов.
Мы спрашиваем себя, почему у них есть такая возможность, а у нас нет? Мы верим, что Осетинский народ никогда не будет ниже других народов и этот вопрос решится положительно при Вашей помощи.
Мы от всей души желаем быть с нашим народом в любом деле и сердце велит нам прикладывать совместные усилия для успешного результата. Вместе будем строить будущее нашего Осетинского народа и Осетии. Будем ждать Вашего ответа.
Пусть слава о Вас не увядает в веках и пусть она приумножается.
Ваш брат, председатель Осетинской диаспоры в Сирии,
Хишам Албегов.
09/11/2011
Для связи с осетинской диаспорой в Сирии: Ossetiansyr@yahoo.com
Телефон: +963-11-811-03-31
Факс: +963-11-811-03-32
Мобильный: +963-933-46-53-53
Почтовый адрес: 12427, Damascus - Syria
Источник: Алан Салбиев